Высокопреосвященнейшего ЛЕОНИДА, Архиепископа Владикавказского и Аланского, заместителя председателя Отдела внешних церковных связей, Управляющего приходами Русской Православной Церкви в Республике Армения, духовенству, монашествующим и мирянам Владикавказской епархии и приходов Московского Патриархата в Республике Армения
Возлюбленные о Господе отцы, братья и сестры!
Сердечно поздравляю Вас с великим праздником Рождества Христова!
Двадцать столетий назад Бог особым образом вмешался в историю человечества и Своим рождением от Пречистой Девы изменил весь ее ход. С тех пор Он вновь и вновь рождается в душах тысяч людей и преображает их жизнь, делаяих из неверующихверующими, из погибающихспасающимися, из грешныхсвятыми.Рождество Спасителя– это торжество нашей встречи с Богом, ставшим человеком, чтобы спасти нас. Величайшее чудо Боговоплощения состоит в том, что, совершившись однажды в истории, оно возобновляется в каждом,кто приходит ко Христу. В глубоком молчании ночи Слово Божие воплотилось на земле: так является оно в глубинах нашей души – там, где умолкает разум, истощаются слова, а ум предстоит Богу. Неизвестным и неузнанным родился Младенец Иисус на земле, и лишь волхвы и пастыри приветствовали Его: так же тихо и незаметно для других рождается Христос в человеческой душе, а она идет навстречуЕму, потому что возгорается в ней звезда, ведущая к свету.
В день Рождества положено начало примирению Неба и земли, поскольку Всемогущий Господь, проявляя Свое милосердие к сотворенному им некогда и ставшему грешным человеку, нисходит в мир и воплощается в нем. Спаситель соединил в себе Божественное и человеческое естество, освободив нас от власти греха и восстановиввнекогда утраченном достоинстве. Рождество Христово является не только исполнением ветхозаветных пророчеств, но иднем воссоздания и возрождения всей Вселенной. Сын Божий смирил Себя при соединении с нашим ограниченныместеством. Воплощение, будучи, по слову церковного песнопения,"истощанием" Второго Лица Пресвятой Троицы, явилось для Него своего рода крестом, может быть, не менее тяжелым, чем крест Голгофы.
Рождество Христово – это начало пути ко спасению, впервые проложенному земной жизнью Господа Иисуса. Главным ощущениемнынешнего праздника является радость новой встречи после долгой разлуки Бога-Творца и Его высшего творения – человека. Рождественская ночь сияет ныне светлее всякого дня, потому что не просто небесное светило, но само Солнце правды восходит над землей. Весть о Рождестве Младенца Иисуса для каждого верующего становится неиссякаемым источником душевного мира, нестареющей любви, вечной жизни.
Сквозь века неугасимым светом радости озаряет наши сердца путеводная Вифлеемская звезда – рассветная звезда спасения для всех, кто ищет Бога.Рушились державы, пылью забвения покрывались имена царей и правителей, сменялись поколения, но неизменно сияет миру Солнце правды, взошедшее в Вифлеемской пещере. Вот уже два тысячелетия люди живут не в оставленном под проклятием, а в искупленном мире, и призваны через Иисуса Христа быть сынами и наследниками Божиими. Если мы будем хранить веру, надежду и любовь, то среди бурь земной жизни Всевышний не оставит нас "сиротами" (Ин.14,18), никто и ничто не отлучит нас от любви Господней, не лишит вечного блаженства. Подвизаясь на пути деятельного исполнения Божественных заповедей, совершения дел любви, правды и мира, мы сможем бестрепетно преодолеть все опасности и искушения нашего тревожного века. Среди нынешних сложных и переменчивых обстоятельств нам равно необходимы и простая, твердая вера вифлеемских пастухов, и мудрость следовавших за путеводной звездой волхвов. Христос рождается для нас и в нас, а священное имя христианина обязывает быть,прежде всего, провозвестниками милосердия, братского и сердечного отношения к каждому человеку.
Святитель Амвросий Медиоланский говорит: "Очистим сердца наши, уцеломудрим совесть, украсим душу свою; и так очистившись от всякой скверны, встретим пришествие Непорочного Господа". Разделим же праздничные чувства со своими ближними, чтобы Вифлеемский свет возгорелся в каждой семье, в кругу братьев и сестер о Господе! Будем стремиться к тому, чтобы сияние нашего торжества озарило и мир вокруг нас. Воздадим истинное поклонение Богомладенцу Христу, утешая страждущих, помогая нуждающимся, просвещая заблудших, ведь дары Всещедрого Спасителяникогда не умаляются, а благодатно умножаются. Пусть будет рождественским подарком друг другу святая взаимная любовь, и да сольются наши голоса с ликующим хором вселенной, благовествующей ныне чудо рождения в мир Бога Истинного: "Радуйтесь, небеса, и веселись, земля, и восклицайте, горы, от радости; ибо утешил Господь народ Свой!" (Ис.49,13).
С праздником Рождества Христова поздравляюсегодня всех верных чад Церкви Христовой, живущих вОсетии-Алании и Армении, молитвенно желаю вамдуховной радости о Родившемся от Пресвятой Девы Спасителе, крепости сил и всеукрепляющей помощи Божией в трудах и начинаниях, а нашим странам и народам – мира, благоденствия и процветания!
ЛЕОНИД, Архиепископ Владикавказский и Аланский,
заместитель председателя Отдела внешних церковных связей,
Управляющий приходами Русской Православной Церкви
в Республике Армения
Рождество Христово
2021 года
Владикавказ
Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы стыралчер,
Аргъуаны ӕддаг бастдзинӕдты хайады сӕрдары хӕдивӕг,
Сомихы Республикӕйы Уырыссаг Рӕстдин Аргъуаны зылдты фӕткдар
Йӕ Иууылрухсдзинад ЛЕОНИДЫ
ЦЫППУРСЫ ФЫСТӔГ
Дзӕуджыхъӕуы епархи ӕмӕ Сомихы Республикӕйы Уырыссаг Рӕстдин Аргъуаны зылдты
уазлӕггадгӕнӕг сауджынтӕ ӕмӕ диакъонтӕм, моладзантӕ ӕмӕ кувӕг адӕммӕ
Чырыстийы ӕмдзинады кӕрӕдзийӕн уарзон сауджынтӕ, диакъонтӕ, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ!
Зӕрдӕбынӕй уын арфӕ кӕнын Йесо Чырыстийы Рухс Райгуырды стыр бӕрӕгбоны фӕдыл!
Ссӕдз ӕнусы размӕ Хуыцау сӕрмагонд ӕгъдауӕй Йӕ къух бакодта адӕмы историмӕ ӕмӕ йын, Иууылсыгъдӕг Чызгӕй райгуыргӕйӕ, йӕ цыд цӕхгӕр аивта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Уый ногӕй ӕмӕ ногӕй райгуыры мингай адӕймӕгты удты ӕмӕ сын сӕ цард фендӕрхуызон кӕны, уымӕн ӕмӕ Уый ӕнӕуырнӕгӕй аразы уырнӕг, сӕфӕгӕй – ирвӕзӕг, тӕригъӕдджынӕй – рӕстгӕнӕг. Ирвӕзынгӕнӕджы Рухс Райгуырд у, нӕ фервӕзын кӕныны тыххӕй буардзыд Чи сси, Уыцы Хуыцауимӕ фембӕлды бӕрӕгбон. Хуыцауы буардзыд рантысты стырдӕр диссаг уый мидӕг ис, ӕмӕ, историйы мидӕг иунӕг хатт ӕрцӕугӕйӕ, уый кӕддӕриддӕр сног вӕййы Чырыстимӕ алы ног ӕрбацӕуӕгимӕ дӕр. Ӕнӕсыпп ӕмыр ӕхсӕв буардзыдӕй рантысти дунемӕ Хуыцауы Дзырд: афтӕ раргом вӕййы уый нӕ уды ӕрфыты дӕр – сӕрымагъз кӕм фӕхъус вӕййы, дзырдтӕ кӕм сихсыйынц, зонд та Хуыцауы раз кӕм ӕрлӕууы, уым. Ӕбӕрӕг ӕмӕ ӕнӕзындӕй райгуырди Саби Чырысти зӕххыл, ӕрмӕстдӕр ын стъалыдӕснытӕ ӕмӕ фыййӕуттӕ радтой зӕрдиаг салам ӕмӕ Йыл уыдон бацин кодтой. Растдӕриддӕр афтӕ райгуыры адӕймаджы уды дӕр Чырысти: цӕстӕй йӕ ничи фены, фӕлӕ уд Йӕ размӕ фӕтындзы, уымӕн ӕмӕ йӕ мидӕг ссудзы, рухсмӕ йӕм чи сиды, уыцы стъалы.
Рухс Райгуырды бон сӕрӕвӕрӕн у Арв ӕмӕ зӕххы фидыдӕн, уымӕн ӕмӕ, кӕддӕр кӕй сфӕлдыста ӕмӕ тӕригъӕдджын чи сси, уыцы адӕймагыл хӕрзаудгӕйӕ, Ӕппӕтхъом Хуыцау ӕрцыди дунемӕ ӕмӕ буардзыд баци. Тӕригъӕды барадӕй нӕ суӕгъд кӕнгӕйӕ ӕмӕ нын не сӕфт четар фӕстӕмӕ йӕ бынаты сӕвӕргӕйӕ, Рухс Райгуырды бон Ирвӕзынгӕнӕг Йӕ мидӕг баиу кодта Хуыцау ӕмӕ адӕймагон ӕрдзыхъӕд. Чырыстийы Рухс Райгуырд канд рагфӕдзӕхстон пехуымпар-ныхӕсты сӕххӕстыл дзурӕг нӕу, уый ма у ӕгас дун-дунейы сарӕзт ӕмӕ сӕндидзӕны бон дӕр. Нӕ къуындӕг, нӕ арӕнгонд ӕрдзыхъӕдимӕ баиуы охыл Хуыцауы Фырт Йӕхи ӕрцыбыртӕ кодта. Буардзыд суӕвын аргъуаны зарджыты хуымӕтӕджы нӕ хуындӕуы Иууылрухс Ӕртӕиуоны Дыккаг Цӕсгомы "сихсыд" – уый Чырыстийӕн дзуарӕй хъауджыдӕр нӕ уыди, уыимӕ, чи зоны, Голгофӕйы дзуары ӕмуӕз.
Чырыстийы Рухс Райгуырд у, Бардарӕг Йесо Йӕ зӕххон царды руаджы ирвӕзынадмӕ цы фӕндаг айгӕрста, уый райдиан. Абоны бӕрӕгбон зӕрдӕйы гуырын кӕны цины ӕнкъарӕн, уымӕн ӕмӕ та ногӕй фембӕлдзысты дӕргъвӕтин рӕстӕг кӕрӕдзийӕ хицӕн уӕвӕг Скӕнӕг Хуыцау ӕмӕ Йе стырдӕр фӕлдисонд – адӕймаг. Рухс Райгуырды ӕхсӕв цыфӕнды бонӕй рухсдӕр у, уымӕн ӕмӕ хуымӕтӕджы ӕрвон рухсдар нӕ, фӕлӕ рӕстдзинадады Хур йӕхӕдӕг ссӕуы зӕххы сӕрмӕ. Саби Чырыстийы Райгуырды уац алы уырнӕг адӕймагӕн дӕр басгуыхы удӕнцой, уарзондзинад ӕмӕ ӕнусон царды ӕвидигӕ суадон.
Ӕнусты арфӕй нӕ зӕрдӕтӕм цины ӕнӕхуысгӕ рухс дары Вифлеемы фӕндагамонӕг стъалы – Хуыцауы чи агуры, ӕппӕт уыдоны ирвӕзыны сӕууон стъалы. Бындурзылд фӕвӕййынц домбай паддзахӕдтӕ, рохуаты аззайынц номдзыд паддзӕхтӕ ӕмӕ стыр хицӕутты нӕмттӕ, иу фӕлтӕр ннӕйы аивы, Вифлеемаг лӕгӕты скӕсӕг рӕстдзинады Хур та ӕнӕрӕнцойӕ Йӕ рухс тынтӕ тауы зӕххыл. Ныр мӕнӕ дыууӕ мин азы дӕргъы адӕм цӕрынц ӕлгъыстагӕй баззайӕг нӕ, фӕлӕ ахӕстаргъӕй ӕлхӕд дунейы, ӕмӕ, Йесо Чырыстийы хорзӕхӕй, уыдон уыдзысты Хуыцауы хъӕбултӕ ӕмӕ бындартӕ. Махӕн нӕ уырнынад, ныфс ӕмӕ уарзондзинад фидар куы уой, уӕд нӕ Иууылбӕрзонд Хуыцау зӕххон царды уадтымыгъты ӕхсӕн "сидзӕрӕй" нӕ ныууадздзӕн (Ин 14:18), ничи ӕмӕ нӕ ницы фӕиртасдзӕн Бардарӕджы уарзондзинадӕй, ӕнусон ӕнцойадӕй нӕ ӕнӕхай нӕ фӕкӕндзӕн. Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынмӕ нӕ зӕрдӕ куы раттӕм, уарзондзинад, рӕстдзинад ӕмӕ сабырдзинады сӕраппонд куы кусӕм, уӕд мах ӕнцонӕй фӕуӕлахиз уыдзыстӕм нӕ карз ӕнусы фыдӕвзарӕнтыл, йӕ гуырысхойаг цыбӕйлӕгтӕн сайын нӕ бакомдзыстӕм. Нӕ абоны царды вазыгджын ӕмӕ тагъд иваг уавӕрты махӕн ӕмхуызон ахсджиаг сты вифлеемаг фыййӕутты ӕнӕхин ӕмӕ фидар уырнындзинад дӕр ӕмӕ фӕндагамонӕг стъалыйы фӕдыл араст уӕвӕг стъалыдӕсныты куырыхон зонд дӕр. Чырысти райгуыры махӕн ӕмӕ нӕ мидӕг, чырыстон адӕймаджы сыгъдӕг ном та нӕ домы, цӕмӕй нӕ хорз хъуыддӕгтӕй нӕхицӕн кӕддӕриддӕр удыбӕстӕ кӕнӕм ӕмӕ алы адӕймагмӕ дӕр ӕфсымӕры зӕрдӕ дарӕм.
Рухсгӕнӕг Амвроси Медиолайнаг зӕгъы: "Ссыгъдӕг кӕнӕм нӕ зӕрдӕтӕ, нӕ намыс бахъахъхъӕнӕм, нӕ уд срӕсугъд кӕнӕм; ӕмӕ афтӕмӕй, алы ӕлгъагдзинадӕй ссыгъдӕг уӕвгӕйӕ, сӕмбӕлӕм Ӕнӕкъӕм Бардарӕджы ӕрцыдыл". Уӕдӕ бавдӕлӕм, ӕмӕ бӕрӕгбоны ӕнкъарӕнтӕ адих кӕнӕм нӕ хиуӕттимӕ, цӕмӕй Вифлеемы рухс ссудза алы хӕдзары дӕр, Хуыцауы ӕмдзинады уарзон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты ӕхсӕн! Цӕмӕй нӕ циндзинады тӕмӕнӕй ныррухс уа нӕ алфамбылай дуне дӕр. Рыстзӕрдӕ адӕймӕгтӕн ныфсӕнцой лӕугӕйӕ, цыбыркъухтӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ, фӕдзӕгъӕлуӕвджытӕн фӕндаг амонгӕйӕ, зӕрдиагӕй скад кӕнӕм Хуыцауон Саби Чырыстийӕн, уымӕн ӕмӕ Иууылрӕдау Ирвӕзынгӕнӕджы лӕвӕрттӕн ныккӕнӕн нӕй – уӕлейӕ исгӕ ӕмӕ бынӕй ахадгӕ сты. Сыгъдӕг уарзондзинад уӕд нӕ бӕрӕгбоны лӕвар кӕрӕдзийӕн, Ӕцӕг Хуыцауы райгуырды диссагыл райгӕйӕ, дун-дунейы сыгъдӕгзӕрдӕ кувджытимӕ ӕмхъӕлӕсӕй цины зарӕг снывӕндӕм: "Райут, уӕлӕрвтӕ, цин кӕн, зӕхх, нӕрут, райгӕ, хӕхтӕ, уымӕн ӕмӕ барӕвдыдта Хуыцау Йӕ адӕмы!" (Ис 49:13).
Чырыстийы Рухс Райгуырды бӕрӕгбоны номӕй зӕрдиаг арфӕ кӕнын Ирыстон-Алани ӕмӕ Сомихстоны цӕрӕг Чырыстийы Аргъуаны ӕппӕт иузӕрдион хъӕбултӕн! Иууылсыгъдӕг Чызгӕй Райгуырӕг Ирвӕзынгӕнӕджы цинӕй срухс уӕнт уӕ зӕрдӕтӕ! Алкӕмӕн дӕр уӕ Хуыцау ахъазгӕнӕг уӕд йӕ куысты ӕмӕ йӕ царды, нӕ бӕстӕтӕ ӕмӕ нӕ адӕмтӕн та саккаг кӕнӕӕд сабырдзинад, фарн ӕмӕ амонд!
Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы стыралчер,
Аргъуаны ӕддаг бастдзинӕдты хайады сӕрдары хӕдивӕг,
Сомихы Республикӕйы Уырыссаг Рӕстдин Аргъуаны
зылдты фӕткдар
ЛЕОНИД
Чырыстийы Рухс Райгуырды
2021 аз
Дзӕуджыхъӕу
-
Зажженный вами не погаснет свет!05.10.2018 14:45Редакция01.01.2017 8:00
-
Реклама и реквизиты01.01.2017 2:30Упрощенная бухгалтерская (финансовая) отчетность01.05.2016 17:45
-
Разжижаем кровь13.06.2018 16:45Фокус фикуса Бенджамина27.09.2024 15:25
-
ОрджВОКУ - 100 лет!20.11.2018 12:15150-летие технологическому колледж полиграфии и дизайна, 15 октября 201830.10.2018 15:30